Чирикба, Вячеслав Андрейы фырт
Вячеслав Андрейы фырт Чирикба | |
---|---|
абх. Чрыгба Виачеслав Андреи-иԥа | |
Райгуырды датæ | 1959-æм азы 17 мартъийы[1][2] (65 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Куысты бынат | |
Альма-матер |
Вячеслав Андрейы фырт Чирикба (райгуырдис 1959-æм азы 17 мартъийы Гагрæйы) у абхазаг лингвист æмæ политикон архайæг, Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр (2011—2016); филологон зонæдты доктор, профессор, Абхазы зонæдты академийы архайæг уæнг, Уæрæсейы зонæдты академийы Æвзагзонынады институты Кавказаг æвзæгты хайады хистæр зонадон кусæг, Абхазы минæвар Уæрæсемæ.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Вячеслав Чирикба райгуырдис Абхазы сахар Гагрæйы 1959 азы 17 мартъийы.
1977-æм азæй 1982-æм азы онг ахуыр кодта Харьковы паддзахадон университеты фæсарæйнаг æвзæгты факультеты.
1982-æм азæй 1986-æм азы онг ахуыр кодта Æвзагзонынады институты аспирантурæйы Мæскуыйы. 1986-1991 азты куыста уыцы иу ран зонадон кусæгæй.
1991-æм азы йæ докторы диссертаци фыссынæн ацыдис Лейдены университетмæ, æмæ йæ æнтыстджынæй бахъахъхъæдта 1996-æм азы. Диссертаци уыдис иумæйаг ныгуылæн-кавказаг æвзаджы реконструкцийы тыххæй.
1996-1997-æм азы уыд Къаролы цур Æхсæнадæмон ахастдзинæдты институты иртасæг Гаагæйы, куыста гуырдзиаг-абхазаг конфликт иртасыныл.
2000-2006 азты Лейдены университеты амыдта кавказаг æвзæгтæ æмæ иртæста абхазаг æвзаджы садзы диалект.
2007-8 год азты — Республикæ Абхазы президенты уынаффæгæнæг фæсарæйнаг политикæйы фæдыл. 2008-11 азты та — Республикæ Абхазы президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг.
2011-æм азы 11 октябры президенты барамындæй нысангонд æрцыдис Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.[3]
2016-æм азы 20 сентября йæхи фæндæй куыстуæгъд ацыдис[4].
Чирикба у Европæйы кавказзонджыты æхсæнады уæнг, Европæйы лингвистикон æхсæнады уæнг (Societas Linguistica Europaea). Фæскавказы æдасдзинады тыххæй цы дискусситæ цæуынц Женевæйы, уыдоны архайæг Абхазы делегацийы сæргълæууæг (2008—2016). Абхазаг æвзаг рапарахат кæныны фæдыл къамисы сæрдар.
Амоны цалдæр предметы Абхазы паддзахадон университеты, уыдоны ’хсæн «Кавказаг æвзагзонынады бындуртæ», «Абхазаг фонологи», «Убыхаг æвзаг», «Абхаз æхсæнадæмон ахастдзинæдты системæйы мидæг».
Сæйрагдæр куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]- Аспекты фонологической типологии. М.: Наука, 1991, 143 c.
- Common West Caucasian. The Reconstruction of its Phonological System and Parts of its Lexicon and Morphology (Общезападнокавказский язык. Реконструкция его фонологической системы, лексики и морфологии). Leiden: CNWS Publications, 1996, 452 pp.
- A Dictionary of Common Abkhaz (Словарь праабхазского языка). Leiden, 1996, 126 pp.
- Abkhaz (Грамматика абхазского языка). — Languages of the World/Materials 119. Muenchen: Lincom Europa, 2003, 92 pp.
- Развитие абхазского языка в условиях полиэтнического общества: вызовы и перспективы. Сухум, 2009, 53 с.
- Международно-правовой статус Республики Абхазия. Сухум, 2013, 88 с.
- The International Legal Status of the Republic of Abkhazia. Sukhum, 2013, 88 pp.
- Загадка Катерины. Кем была мать Леонардо да Винчи? Санкт-Петербург, изд-во «Питер», 155 pp. ISBN 978-5-4461-0832-9
- Единый абхазо-абазинский алфавит на латинской графической основе. Проект. Сухум, 2019.
- Абхазия и итальянские города-государства (XIII-XV вв.). Очерки взаимоотношений. СПб.: Алетейя, 2020.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Vâčeslav Andreevič Čirikba // код VIAF
- ↑ National Library of Israel Names and Subjects Authority File (ивр.)
- ↑ Президент Александр Анкваб подписал указы о назначении министров 11.10.2011 Архивгонд æрцыдис 9 декабры 2011 азы.
- ↑ Заявление и. о. Министра иностранных дел Республики Абхазия Вячеслава Чирикба(недоступная ссылка). Датæ: 2016-æм азы 27 сентябры. Архив 2016-æм азы 1 октябры.